gGuitarama
А

А-лол-лай

AmDm · Аккорды
Рекламаad-slot:header
Тон
0
Прокрутка
Шрифт
Вид аккордов
Играется на трех тонких струнах:
-5--5--5--3-
--6--6--6--5 Два раза
7--7--7--5--
-1--1--3--5-
--3--3--5--6 Два или три раза в зависимости от куплета
3--3--5--7--
Ло-ло, ло-ло, алолай!
Лæппу фынæй акæна.
Уæлæ хъæндил æруайы,
Йæ къахдзæфтæ нымайы,
Ацы хъæндил-хъæндилæг,
Йæ базыртæ – æрттиваг,
Йæ астæуыл – цыргъ хъама,
Йæ уæлæ та – цъæх цухъхъа.
– Кæдæм уайыс, хъæндилæг?
– Хохæй уайын быдырмæ!
– Цæмæй цæрыс быдыры?
– Сау кæндысæн йæ бынæй,
Урс кæндысæн йæ сæрæй!
– Цæргæ та дзы кæм кæныс?
– Айчы хусы мæ – хæдзар,
– Карды комыл – мæ фæндаг
– Судзины бын – мæ дуар.
– Цытæ хуыйнынц дæ фырттæ?
– Тинтæ æмæ Тыбылтæ.
– Цæмæй хъазынц дæ хуртæ?
– Тины хъазын фæрæтæй,
Ныццæвын цай зæвæтæй.
Фæрæт арвмæ фæхауы,
Стъалытæ нызгъалы,
Иухатт гомæй аззадис,
Иу сау бæх дзы ракастис,
– Чи йын быдта йæ къæдзил?
– Сырдон быдта, тых быдта,
– Уæд Сырдонæн цы загътай?
– Ратт мын, Сырдон дæ иу фат…
– Мæ иу фатæй цы кæныс?
– Ме знæгты дзы ныццæгъдон,
Дзæбидыр дзы æртулон,
Мæ хæлæртты æрхонон!
– Дард у хъæндил, дæ фæндаг,
Суадз уал махмæ дæ фæллад!
Раздæх уал нæм фысыммæ,
Ардæм рацу мæ хурмæ,
‘Мæ йын рахæсс хæрзфынтæ!
Уæлæ хъæндил æрхæццæ,
Цинæй дзаг у йæ зæрдæ,
Авдæн узы чысылæн,
Кадæг кæны мæ хурæн!

Видео

Смотреть на YouTube

Видео для этой песни пока не подобрано.